Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 16:54 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

54 цӕмӕй хӕссай дӕ худинаджы гакк ӕмӕ фефсӕрмы уай, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕй, адонӕн та суай ныфсы хос.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 16:54
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыснӕджы давгӕйӕ куыд ӕрцахстой, уыйау ныр фӕхудинаг ис Израил — йӕ адӕм, йӕ паддзӕхтӕ, йе ’лдӕрттӕ, йӕ сауджынтӕ ӕмӕ йӕ пехуымпартӕ.


Уӕдӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк. Дӕ хотӕн уыцы хорзы бацыдтӕ, ӕмӕ дӕхи уыдонӕй тынгдӕр фӕаллайаг кодтай дӕ тӕригъӕдты фӕрцы, уымӕ гӕсгӕ дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты. Уӕдӕ дӕ цӕсгом судзӕд ӕфсӕрмӕй, ӕмӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк, дӕ хотӕ та сраст уӕнт.


Фӕлӕ Ӕз аивдзынӕн Содом ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, Самари ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, стӕй уыдонимӕ дӕ хъысмӕт дӕр,


Дӕ хотӕ — Содом ӕмӕ йӕ чызджытӕ, стӕй Самари ӕмӕ йӕ чызджытӕ, раздӕры заман куыд уыдысты, афтӕ суыдзысты фӕстӕмӕ. Ды дӕр дӕ чызджытимӕ раздӕры хуызӕн суыдзынӕ.


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уым — Елам йе ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ йӕ цырты алыварс; дӕлдзӕхмӕ ӕнӕсунӕтӕй чи ныццыд, уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй; дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Ху ыцау: сымах уӕ алыварс адӕмтӕй бирӕ хивастдӕр разындыстут, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ Мын не ’ххӕст кӕнут, уыимӕ ма суанг уӕ алыварс адӕмты ӕгъдӕуттӕ дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ