Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 16:52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

52 Уӕдӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк. Дӕ хотӕн уыцы хорзы бацыдтӕ, ӕмӕ дӕхи уыдонӕй тынгдӕр фӕаллайаг кодтай дӕ тӕригъӕдты фӕрцы, уымӕ гӕсгӕ дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты. Уӕдӕ дӕ цӕсгом судзӕд ӕфсӕрмӕй, ӕмӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк, дӕ хотӕ та сраст уӕнт.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 16:52
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕ сӕ базыдта ӕмӕ загъта: «Тамар раст у. Рӕдигӕ чи фӕкодта, уый — мӕхӕдӕг, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ фырт Шелайӕн нӕ радтон». Ӕмӕ йемӕ ӕмуат никуыуал ӕрцыди.


Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.


Ӕнусмӕ уӕ сӕгад кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Дунедарӕг мын загъта: «Израилы чызг мыл сайдӕй рацыди, фӕлӕ йӕ мӕнгард Иудей цӕсгомджындӕр у.


Мӕ фӕндагӕй иуварс куы фӕзылдтӕн, уӕд фӕсмон кодтон, зонды къахыл куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕхи хостон. Ме ’взонджы бонты худинаг мемӕ кӕй фӕхастон, уый тыххӕй фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад дӕн».


Дунедарӕджы уаз Кувӕндонмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ куы бацыдысты, уӕд мах сӕгад стӕм, хынджылӕггаг систӕм ӕмӕ худинаджы бын фестӕм.


Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ды дӕ чызджытимӕ цытӕ кодтай, уыдӕттӕ дӕ хо Содом нӕдӕр йӕхӕдӕг кодта, нӕдӕр сӕ йӕ чызджытӕ кодтой.


Фӕлӕ Ӕз аивдзынӕн Содом ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, Самари ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, стӕй уыдонимӕ дӕ хъысмӕт дӕр,


цӕмӕй хӕссай дӕ худинаджы гакк ӕмӕ фефсӕрмы уай, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕй, адонӕн та суай ныфсы хос.


Дӕ хъал бонты заман дӕ хо Содомӕн йӕ кой дӕр никуы скодтай,


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уым — Елам йе ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ йӕ цырты алыварс; дӕлдзӕхмӕ ӕнӕсунӕтӕй чи ныццыд, уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон иууылдӕр куы бабын сты кардӕй; дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.


Уӕд уыл адӕмтӕ нал худдзысты, фидистӕ уын нал кӕдзысты ӕмӕ уӕ адӕмы зӕйц дӕр нал сафдзыстут уӕдӕй фӕстӕмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Сӕ фыдгулты бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй бирӕ адӕмты раз равдисдзынӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ сӕхи зӕххыл ӕдасӕй цӕрын куы байдайой, куы ничиуал сӕ тӕрсын кӕна, уӕд ӕрхуддзысты сӕхиуыл, сӕ фыдракӕндтӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты.


Уыдон Мӕ разы сауджынлӕггад нал кӕндзысты, нал сын уыдзӕни уаз дзауматӕ ӕмӕ иууылуаз хуынтӕм бавналыны бар. Се ’лгъаг миты тыххӕй худинаджы бын фӕуыдзысты.


Гуымирыйӕн йӕхи та аласдзысты Ассиримӕ — стыр паддзахӕн лӕварӕн. Ефрем худинаджы бын фӕуыдзӕн, Израил йӕ фыдвӕндты тыххӕй къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн.


Тӕрхонгӕнӕг макӕмӕн ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ уӕ Хуыцау дӕр нӕ рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын Уый дӕр ныххатыр кӕндзӕн.


Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.


Хорздзинад чи кӕны, уыдонӕй та алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц кад, намыс ӕмӕ фарн: раздӕр — иудейагмӕ, стӕй та — муртаттагмӕ.


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ