5 Ничи дын фӕтӕригъӕд кодта, цӕмӕй дын адӕттӕй исты сараза. Аппӕрстой дӕ тыгъд быдыры дӕ райгуырды бон, уымӕн ӕмӕ дыл ӕлгъ кодтой.
ӕмӕ загъта Авраамӕн: «Уыцы унӕуты ӕд лӕппу атӕр! Мӕ хъӕбул Исаакы раз дын уый дӕ бынтӕм ницы бар дары».
Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».
Фӕлӕ Дунедарӕг загъта: «Мад йӕ дзидзидай хъӕбулы куыд хъуамӕ ферох кӕна, куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕна, цы сабийы ныййардта, уымӕн? Чи зоны ӕмӕ уый ферох кӕна йӕ сабийы, фӕлӕ Ӕз нӕ ферох кӕндзынӕн сымах.
Хӕрӕгау ӕй баныгӕндзысты: аласдзысты йӕ ӕмӕ йӕ Йерусалимы кулдуарӕй фехсдзысты.
Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!
Ӕрвылӕхсӕв-иу сыст ӕмӕ дзыназ, — уадз, Дунедарӕг фена, дӕ сау цӕссыг куыд згъалыс, куыд кӕуыс! Дӕ къухтӕ Йӕм лӕгъстӕгӕнгӕйӕ иваз дӕ сабиты сӕраппонд! Уӕ, алы тигътыл ӕххормагӕй куы мӕлынц!
Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!
Хъӕддаг куыйтӕ дӕр ма сӕ къӕбысты ӕхсырӕй бафсадынц, — мӕ адӕмы Чызг гакк-гуккау куы сси ӕгъатыр!
Ӕз рацӕйцыдтӕн дӕ цурты ӕмӕ дӕ туджы мӕцгӕ куы федтон, уӕд дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“ О, афтӕ дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“
Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм.
Искӕй къухӕй чи фӕмард, ууыл кӕнӕ йӕхи низӕй амӕлӕгыл, адӕймаджы стӕгдар кӕнӕ ингӕныл хӕдзарӕн ӕдде чи андзӕва, уый чъизи уыдзӕн авд боны.
Ӕдзӕрӕг ран ӕй ссардта ӕмӕ йыл хъӕддаг ӕрнӕджы Йӕ арм дардта, цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта.