1 Дунедарӕг мын загъта:
Раст фӕндагыл цы адӕм цӕуынц, уыдонӕн сӕ номы кой айхъуысы, тӕригъӕд та сын — худинаджы хос.
Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.
Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр!
Дӕ хъӕдгӕмттӕй, дӕ уӕззау цӕфтӕй цы хъӕрзыс? Бирӕ фыдракӕндтӕ кӕй фӕкодтай, дӕ тӕригъӕдтӕ ӕнӕнымӕц кӕй систы, уый тыххӕй дын бавзарын кодтон адӕттӕ!
Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, сӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивтой, уый тыххӕй», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Адӕймаджы фырт! Йерусалимӕн йе ’лгъаг митӕ йӕ цӕстмӕ бадар.
Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы.
«Адӕймаджы фырт! Тугамӕст сахарӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Йе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ йын радзур.
вавилойнӕгты ӕмӕ ӕппӕт халдейӕгты, Пекод, Шоа ӕмӕ Коайы сахартӕй, уыдонимӕ ӕппӕт ассириӕгты — рӕсугъд лӕппуты, ӕфсӕддон хицӕутты ӕмӕ балхонты, фӕлтӕрд хӕстонты ӕмӕ стыр хицӕутты, ӕппӕт бӕхджынты.
Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис».
Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой.
Уалынмӕ мигӕнӕны ӕрхуы сӕр хӕрдмӕ ссыди, ӕмӕ мӕнӕ мигӕнӕны бады сылгоймаг.