8 Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, сӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивтой, уый тыххӕй», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Йӕ хицау ӕй куринаг уыди, фӕлӕ чызг йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди, зӕгъгӕ, уӕд бар раттӕд, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ балхӕной: чызгыл кӕй нӕ баввӕрсыди, уый йын ӕй ӕцӕгӕлӕттӕн ауӕй кӕныны бар нӕ дӕтты.
Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.
Дунедарӕг мын загъта:
Мӕ ахсӕн хыз ыл баппардзынӕн, ӕмӕ бахаудзӕн Мӕ къӕппӕджы, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕрбакӕндзынӕн Вавилонмӕ ӕмӕ йын стӕрхон кӕндзынӕн, йӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивта, уый тыххӕй.
Ӕмӕ, се ’лгъаг миты тыххӕй бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр куы фестын кӕнон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.
Сӕ фыдгулты бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй бирӕ адӕмты раз равдисдзынӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ сӕхи зӕххыл ӕдасӕй цӕрын куы байдайой, куы ничиуал сӕ тӕрсын кӕна, уӕд ӕрхуддзысты сӕхиуыл, сӕ фыдракӕндтӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты.
Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Дунедарӕгӕн Йӕ азары бон куы ралӕууа, уӕд сӕ нӕдӕр се ’взист, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин фервӕзын кӕндзысты. Дунедарӕджы зӕрдӕхсайды арт аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕвиппайды бынсӕфт фӕкӕндзӕн.