4 Нӕ, фӕлӕ арты сыгъд ӕрцӕуы. Йӕ дыууӕ кӕроны куы бавзалы вӕййынц ӕмӕ йӕ астӕуыл арт куы сирвӕзы, уӕд ма цӕмӕн фӕбӕззы?
Ӕмӕ, Дунедарӕгӕй йе сӕфт чи уыдта, уыдон зӕрдӕлхӕнӕнтӕ кодтаиккой Йӕ разы, мыггагмӕйы ӕфхӕрд райстаиккой.
Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.
Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.
Исты дзаумайӕн дзы лыггаг райсынц, мыййаг? Зӕгъӕм, къӕбӕлӕн — исты йыл ӕрцауындзынмӕ?
Ӕнӕхъӕн куы уыд, уӕд дӕр куы ницӕмӕн бӕззыд, уӕд ма, арт ӕй куы аныхъуырдта ӕмӕ куы бавзалы ис, уӕд цӕмӕн бӕззы?
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн сӕнӕфсир бӕласы зӕнг арты куыд басыгътон, афтӕ Йерусалимы цӕрджыты дӕр арты басудздзынӕн.
Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын сирвӕзт пиллон арт, йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта. Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза, ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“. Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».
Содом ӕмӕ Гоморрӕйау уӕ ныззыгуым кодтон. Пиллон артӕй цы ӕхсидав фелвасынц, уый ӕнгӕс уыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».
Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.
Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у.
«сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц.