3 Исты дзаумайӕн дзы лыггаг райсынц, мыййаг? Зӕгъӕм, къӕбӕлӕн — исты йыл ӕрцауындзынмӕ?
Ацы ӕвзӕр легъуиты, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны хъысмӕт та, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз бавзарын кӕндзынӕн иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн, Йерусалимы цӕрджытӕй ацы зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззади, уыдонӕн, стӕй, Мысырмӕ чи ацыди, уыдонӕн дӕр.
«Адӕймаджы фырт! Сӕнӕфсир бӕлас хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕй цӕмӕй хуыздӕр у, йӕ къалиутӕ дӕр цас хуыздӕр сты?
Нӕ, фӕлӕ арты сыгъд ӕрцӕуы. Йӕ дыууӕ кӕроны куы бавзалы вӕййынц ӕмӕ йӕ астӕуыл арт куы сирвӕзы, уӕд ма цӕмӕн фӕбӕззы?
Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.
Цӕхх хорз у, фӕлӕ йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут».
Хеверы ус Йаел райста дзӕбуг ӕмӕ цатыр фидаргӕнӕн мих, сабыргай Сисерамӕ бахъуызыд, мих ын йӕ къӕмисӕны ныссагъта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ныххоста. Сисера фыр фӕлладӕй фынӕй уыд ӕмӕ уыцы ран амарди.