Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 14:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕй ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи Мӕнӕй йе ’ргом куы аздаха ӕмӕ гуымирытыл ӕнувыд куы суа, йӕ фыдбылызӕн тӕригъӕды куы бафта ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпармӕ куы ’рбацӕуа, Мӕнӕй дзы дзуапп ракурыны охыл, уӕд уымӕн Ӕз, Дунедарӕг, цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 14:7
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕрцӕуӕггаг чи у уе ’хсӕн, уый куы бафӕнда Дунедарӕджы Куадзӕн сбӕрӕг кӕнын, уӕд-иу ын йӕ хӕдзары нӕлгоймӕгтӕн се ’гасӕн дӕр сунӕт скӕнут. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни Куадзӕн скӕнын, уымӕн ӕмӕ нымад ӕрцӕудзӕни бынӕттон цӕрӕгыл. Ӕнӕсунӕттӕй дзы мачи саходӕд.


Уыдон фӕхицӕнтӕ кӕнынц уырнджыты, кӕсынц сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ, Сыгъдӕг Уд сӕм нӕй.


«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.


Ӕз уын уӕ чызджыты сӕ хъахбай миты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн, стӕй уӕ чындзыты дӕр се ’нӕуаг миты тыххӕй Мӕ азары хай нӕ бакӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр хъахбайтӕ стут ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хъахбайтимӕ хӕссут, ницызонӕг адӕм та сӕфынц.


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Иу уагӕвӕрд уӕм хъуамӕ уа, чи фӕрӕдийа, уыдонӕн: израилаг бынӕттон цӕрджытӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕн дӕр.


Ӕхсӕнады фӕтк иу у сымахӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр. Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фыдӕй-фыртмӕ. Дунедарӕджы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ кӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ.


Ӕрцӕуӕггагӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон цӕрӕгӕн дӕр уӕм иу ӕгъдау уӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау“».


«Уӕхицӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт.


Мӕнӕ уын мыггагмӕйы уагӕвӕрд: ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон ком дарут, мачи уӕ мацы кусӕд: нӕдӕр бынӕттон цӕрӕг, нӕдӕр, уе ’хсӕн чи ӕрцӕра, уыцы ӕрцӕуӕггаг.


ӕвдӕм бон та — сабат — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, у, ӕмӕ уыцы бон мадӕр дӕхӕдӕг исты кус, мадӕр дӕ фырт исты кусӕд, мадӕр — дӕ чызг, мадӕр — дӕ цагъар, мадӕр — де ’ххуырст, мадӕр — дӕ фос, мадӕр — дӕ сахары цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг.


О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!


Рӕстгӕнӕг йӕ рӕстадӕй йе ’ргом куы аздаха ӕмӕ фыдракӕнд куы сараза, уӕд ын Ӕз йӕ размӕ цӕлхдур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ амӕлдзӕн. Зонд ын куынӕ амонай, уӕд амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ нымады дӕр нал уыдзысты, фӕлӕ йын Ӕз йӕ туг дӕуӕй исдзынӕн.


Боныгон фӕкӕлдзыстут уӕхӕдӕг, ӕхсӕвы та — уӕ пехуымпартӕ. Ӕз уын уӕ ныййарӕг мады дӕр бабын кӕндзынӕн.


Ацы карз ӕлгъысты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, афтӕ чи зӕгъа, мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уый арфӕгонд нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ, ӕнӕ донӕй чи ныххус, уыцы зӕхх дӕр бабын уыдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ