Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 14:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕмӕй исчи йӕ зӕрдӕ гуымирытӕн куы снывонд кӕна, фыдракӕндтӕ аразыныл ӕй чи ӕфтауы, уыдоны йӕ рӕбинаг куы бакӕна ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпармӕ дзуапп курӕг куы бацӕуа, уӕд ын Ӕз уый бӕрц гуымирытимӕ цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 14:4
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Загъта йын: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Цыма Израилы зӕххыл Хуыцау нал ис, уыйау дӕ минӕвӕртты Екроны хуыцау Баал-Зевувы бафӕрсынмӕ кӕй арвыстай, уый тыххӕй дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ“».


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Гъемӕ фыр тӕссӕй ӕмризӕджы куыд ризат, афтӕ уӕ бафхӕрдзынӕн Ӕз дӕр. Уымӕн ӕмӕ уӕм сидтӕн, ӕмӕ Мын дзуапп нӕ радтат, дзырдтон уӕм, ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Ме ’вастӕй ныххӕцыдыстут фыдракӕндтыл, кодтат, Мӕнӕн фӕндон цы нӕу, уыдӕттӕ».


«Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм сӕ зӕрдӕ сӕ гуымирытӕн куы снывонд кодтой, фыдракӕндтӕ аразыныл сӕ чи ӕфтауы, уыдоны сӕ рӕбинаг куы бакодтой, уӕд ма сын Ӕз цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон?


Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ гуымирытӕй уе ’ргом аздахут ӕмӕ уе ’ппӕт ӕлгъаг митӕ ныууадзут.


Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕй ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи Мӕнӕй йе ’ргом куы аздаха ӕмӕ гуымирытыл ӕнувыд куы суа, йӕ фыдбылызӕн тӕригъӕды куы бафта ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпармӕ куы ’рбацӕуа, Мӕнӕй дзы дзуапп ракурыны охыл, уӕд уымӕн Ӕз, Дунедарӕг, цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон?


Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.


Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Цу Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕн.


Адӕм сӕ гуымирытӕн нывӕндтӕ куы хастой, уӕд сын адон кӕй лӕггад кодтой ӕмӕ уымӕй Израилы адӕмы тӕригъӕды кӕй бафтыдтой, уый тыххӕй сӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзысты.


адӕм ӕмӕ фосы мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн, уӕларвон мӕргъты ӕмӕ денджызы кӕсӕгты ныццӕгъддзынӕн, ӕнӕхуыцӕутты афӕлдахдзынӕн зӕххыл, адӕймагӕн зӕххыл йӕ кой дӕр нал ныууадздзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ