2 Адӕймаджы фырт! Израилы пехуымпарты, хивӕндӕй рагуацтӕ чи дзуры, уыдоны ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын: «Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.
Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!
Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕрбайхъусут, Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕввӕрсон барджынтӕ!
адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ сӕ дзырддзӕугӕтӕ — сӕр, мӕнгпехуымпартӕ — дымӕг.
Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ма хъусут, Вавилоны паддзахӕн йӕ цагъартӕ не суыдзыстут, зӕгъгӕ уын чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ мӕнг сты.
Кӕд уыдон пехуымпартӕ сты ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы ныхас ис, уӕд Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн лӕгъстӕ кӕнӕнт, цӕмӕй ма Дунедарӕджы Кувӕндоны, стӕй Иудейы паддзахы галуаны ӕмӕ, Йерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ма ӕрцӕуой.
Вавилойнаг паддзах сымахмӕ, ацы зӕхмӕ, не ’рбабырсдзӕн, зӕгъгӕ, цы пехуымпартӕ дзырдтой, уыдон цы фесты?
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.
Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!
Дунедарӕг мын загъта:
Адӕймаджы фырт! Израилы сылгоймӕгтӕм, хивӕндӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонмӕ де ’ргом фездах ӕмӕ сӕ ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын:
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона ӕнӕзонд пехуымпартӕн, ницы йын раргом ис, афтӕмӕй йӕхи зондӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонӕн!
Уымӕ гӕсгӕ, хъахбай сыл, ӕрбайхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Йӕ фӕтӕгтӕ сты йӕ амӕттаджы ӕргӕвдӕг рыхгӕ домбайы хуызӕн; уыдон ныхъуырынц адӕмы, байсынц ын сӕ исбон ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ. Уыдоны аххосӕй бӕстӕ идӕдзтӕй байдзаг ис.
Йӕ пехуымпартӕ кӕнынц цӕстфӕливӕн митӕ, сӕ цӕстылуайӕнтӕ — мӕнг, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц: „Уый Дунедарӕг Хуыцау загъта“, афтӕмӕй та Дунедарӕг ницы загъта.
Уымӕ гӕсгӕ, фыййӕуттӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ.
уый тыххӕй, фыййӕуттӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ.
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
Уый тыххӕй сӕм цӕстылуайӕнты бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсы тар ӕхсӕв, рагуацты бӕсты — саудалынг. Хур сыл баталынг уыдзӕн, боны рухс нал фендзысты.
Йӕ пехуымпартӕ — ницӕйаг ӕмӕ мӕнгард, йӕ сауджынтӕ, уаз цы у, уыдӕттӕ фӕчъизи кодтой, Хуыцауы Ӕгъдау сӕ къӕхты бын ныссӕстой.