Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 13:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Чъырӕйцӕгъдджытӕн фехъусын кӕн, быру, зӕгъ, рӕхджы афӕлдӕхдзӕн. Рацӕудзӕни тыгъдызӕй, дуртау ӕркӕлдзӕн их ӕмӕ уаддым ныппырх кӕндзӕни уыцы быру.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 13:11
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Скӕсӕнӕй йыл уаддымгӕ йӕхи рауадздзӕн, йӕ бынатӕй йӕ фелвасдзӕн ӕмӕ йӕ ахӕсдзӕн.


Миты ӕфтауцдоны искуы уыдтӕ, ихы хӕзнадон искуы федтай,


бӕллӕхы заманмӕ кӕй ӕвӕрын, хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ?


«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Дунедарӕджы ныхасӕй фӕзындысты уӕлӕрвтӕ, Йӕ комытӕфӕй — стъалыты ӕфсад.


Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;


Мӕнӕ сын Дунедарӕг сӕ ныхмӕ рарвитдзӕни тыхджын ӕфсад ӕмӕ сӕ уыдон бабын кӕндзысты тыгъдызӕй, ихуард ӕмӕ сӕфты тымыгъау, доны хъаймӕтау;


Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау, зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау, уадтымыгъау, тыгъдызӕйау, алцы ныхъуырӕг артау.


Их-иу куы ныууара — ӕрмӕстдӕр хъӕды бӕлӕстыл. Сахары цӕрджытӕ-иу дӕлвӕзмӕ ӕрхиздзысты ӕдасӕй, ӕнӕкъуылымпыйӕ.


Ӕз федтон: цӕгатӕрдыгӕй ӕрбацӕуы зилгӕ уад — тынг стыр ӕврагъ, уый сыгъди артау, йӕ алыварс тӕмӕнтӕ калдта.


Уӕд дзуапп ӕрдомдзысты сымахӕй, уӕ чъырӕйцагъд цы фӕци, зӕгъгӕ.


Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн емынӕйӕ ӕмӕ тугныккалдӕй. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йе ’рдонгтыл дӕр, стӕй ма ноджыдӕр — йемӕ чи рацыд, йӕ уыцы бирӕ адӕмтыл дӕр ныккалдзынӕн хъаймӕты тыгъдызӕй, их дуртӕ ӕмӕ судзгӕ сондон.


Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.


Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади, ӕмӕ ахӕцыдысты уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ не ’ркалди, уымӕн ӕмӕ дурыл ӕвӕрд уыди.


Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ