1 Дунедарӕг мын загъта:
Израилы паддзах ӕмӕ Иосафат, Иудейы паддзах, сӕ паддзахы дарӕсты, сӕ къӕлӕтджынты, бадтысты Самарийы кулдуары ӕдде мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы.
адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ сӕ дзырддзӕугӕтӕ — сӕр, мӕнгпехуымпартӕ — дымӕг.
Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр дарддӕр нал аргъӕвдзынӕн. Цы зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Адӕймаджы фырт! Израилы пехуымпарты, хивӕндӕй рагуацтӕ чи дзуры, уыдоны ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын: «Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!