Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Сӕ разы-иу дӕ уаргъ сӕккой кӕн ӕмӕ-иу ӕй талынджы рахӕсс. Дӕ цӕсгом-иу бамбӕрз, зӕхх куыннӕ уынай, афтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон нысанӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 12:6
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта, афтӕмӕй бӕгъӕввадӕй ӕмӕ кӕугӕйӕ цыди Елеоны хохмӕ. Йӕ адӕм дӕр сӕ сӕртӕ ӕрӕмбӕрзтой ӕмӕ кӕугӕйӕ цыдысты йемӕ.


Изӕрмилты араст сты сириӕгты асадӕны ’рдӕм. Йӕ дӕлбазырмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд дын кӕсынц, ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг дӕр нӕ.


Уымӕн ӕмӕ уыдонӕн боны рухс саудалынгӕй уӕлдай нӕу, тары сау ӕндӕргтыл та ахуыр сты.


Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.


Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.


Куыд дӕ уыной, афтӕ-иу къул батон ӕмӕ-иу дӕ дзауматӕ къахыры уылты рахӕсс.


Езекиел уын уыдзӕни нысан. Сымах кӕндзыстут, уый куыдӕриддӕр бакодта, афтӕ. Ӕмӕ уыл уыдӕттӕ куы ’рцӕуой, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».


Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.


Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.


Саул, мачи мӕ базона, зӕгъгӕ, йӕ хуыз аивта, йӕ уӕлӕ скодта ӕндӕр дарӕс. Дыууӕ лӕджы йемӕ ракодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ӕхсӕвы бацыдысты. Саул ын загъта: «Кӕмӕй дын зӕгъон, уый мын мӕрдтӕй ракӕн ӕмӕ мын ӕй бафӕрс».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ