Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 12:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фӕлӕ ды, адӕймаг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзауматӕ дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл ӕмӕ уыдоны раз боныгон ӕрцӕр ӕндӕр ран. Чи зоны ӕмӕ уӕд бамбарой, куыд хивӕнд сты, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 12:3
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О асадӕны бадӕг! Дӕ папитӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ ныууадз дӕ бӕстӕ,


Чи зоны, байхъусой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза. Ӕмӕ уӕд аивдзынӕн Мӕ фӕндон, сӕ фыдракӕндты аххосӕй сыл цы бӕллӕх ӕруадзынмӕ хъавын, уый сын нал бавзарын кӕндзынӕн.


Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз.


Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн».


Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй».


Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.


Ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ. Мӕ дзауматӕ мӕ цыма мӕ цӕрӕнбынат аивынӕн хъӕуынц, афтӕ сӕ боныгон рахастон, изӕры та мӕ къухӕй къул батыдтон, адӕм мӕ куыд уыной, афтӕ сӕккой кодтон мӕ уаргъ ӕмӕ йӕ изӕрдалынгты рахастон.


Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Де ’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн, багомыг уыдзынӕ ӕмӕ сын дӕ бон уайдзӕфтӕ кӕнын нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.


Фӕлӕ Ӕз демӕ куы сдзурон, уӕд дын дӕ дзых байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ сын ды зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“. Ӕмӕ, байхъусын кӕй фӕнда, уый-иу байхъусӕд, кӕй нӕ фӕнда, уый та-иу ма байхъусӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Цыдӕриддӕр бакодтой, уыдӕттӕй се ’фсарм куы ссудза, уӕд-иу сын равдис Кувӕндоны фӕлгонц, йӕ арӕзт, йӕ рацӕуӕнтӕ ӕмӕ йӕ бацӕуӕнтӕ. Скӕн-иу сын Кувӕндоны хахныв ӕмӕ-иу сын радзур йе ’ппӕт арӕзт, стӕй йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй, ныффыс сын сӕ сӕхи раз, цӕмӕй сӕ ма рох кӕной ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной.


Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Уӕд сӕндоны хицау загъта: „Ныр куыд бакӕнон? Уӕд та сӕм мӕ уарзон фырты арвитон, кӕд уымӕй уӕддӕр фефсӕрмы уаиккой“.


Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.


Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ!


ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, фӕсмон сӕм ӕрцӕуа ӕмӕ, ӕцӕгад цы у, уый базоной,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ