Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 12:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 12:2
46 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ адон сӕ фыдӕлтау систы хиваст. Нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, сӕ зӕрдӕ Йыл нӕ дардтой.


Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


«Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.


Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.


Размӕ рацӕуӕнт Мӕ адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ сӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ сӕ хъусгӕ чи нӕ кӕны!


Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.


Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»


Алы бон дӕр мӕ цӕнгтӕ ивӕзтон, ӕнаккаг митӕ чи кодта ӕмӕ йӕхи фӕнд чи тардта, Мӕ уыцы ӕгоммӕгӕс адӕммӕ.


Быдыртӕ хъахъхъӕнджытау ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ сыстади», — зӕгъы Дунедарӕг. —


Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!


Ацы адӕм та хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты.


Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.


Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


«Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ.


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы.


Ацы хиваст адӕммӕ ӕмбисонды хуызы бартхъирӕн кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: аг ӕрӕвӕр ӕмӕ дзы дон ныккӕн,


Алмаси ӕмӕ ӕхсондур куыд фидар сты, афтӕ дӕ сфидар кӕндзынӕн Ӕз. Ма тӕрс, тас дӕ ма бацӕуӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты змӕнтӕг адӕм».


Израилы хиваст адӕмӕн зӕгъ: Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕм, кӕрон скӕнут уе ’ппӕт ӕнаккаг митӕн.


уымӕн ӕмӕ „сӕ цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц. Хуыцаумӕ се ’ргом куы раздахиккой, уӕд сын барст ӕрцӕуиккой сӕ тӕригъӕдтӕ“».


Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.


«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».


Нырма дӕр сӕ зонд куырм у. Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц, уӕд ыл уыцы ӕмбӕрзӕн тыгъд у, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти хъуамӕ сиса.


Уыдонӕн сӕ зонд аныгъуылд талынджы, ӕнӕфенд ӕмӕ дурзӕрдӕ кӕй сты, уый аххосӕй ӕнӕхай фесты, Хуыцау цы цард дӕтты, уымӕй.


Сымах уӕхи цӕстӕй федтат уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ.


Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат.


уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни?


Куы уӕ зонын, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕсут Дунедарӕджы коммӕ!


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтат, уый уӕ рох ма уӕд. Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕдӕй абонмӕ, цалынмӕ ардӕм не ’рбацыдыстут, уӕдмӕ, Дунедарӕджы ныхмӕ лӕууыдыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ