Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 11:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Сахарӕй уӕ ракӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕм ратдзынӕн, тӕрхоны азар уыл ныххуырсдзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 11:9
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.


Фыдӕлтӕй нырмӕ нӕ азым стыр у; не ’нӕгъдау миты тыххӕй баистӕм мӕнӕ абон нӕхӕдӕг дӕр, нӕ паддзӕхтӕ дӕр, нӕ сауджынтӕ дӕр ӕндӕрбӕстаг паддзӕхты амӕттаг, сӕ кардылӕфтыдӕй ныл сыгъд ӕмӕ уырыд уацайраджы аллайаг бон уый тыххӕй акодта.


Адӕм фыр цинӕй радысты, уылӕнтӕ кӕй ӕрсабыр сты, ууыл. Дунедарӕг та адӕмы бахӕццӕ кодта сӕ бӕллиццаг наулӕууӕнмӕ.


Мӕгуырты та скадджын кӕны, сӕ мӕгуыр царды ахӕстӕй сӕ ракӕны, сӕ мыггаг сын сбирӕ кӕны фосы дзугау.


Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.


Фӕлӕ сымах, хаст адӕм, Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй арвыстон, уыдон, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!


Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: сахары мидӕг кӕй амардтат, уыдон сты дзидза, сахар та — аг. Фӕлӕ сымах Ӕз уырдыгӕй ракӕндзынӕн.


Ӕз дӕуӕн, хъахбай устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕ цы тӕрхоны аккаг сты, ахӕм тӕрхон рахӕсдзынӕн — фыр мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ Ӕз дӕу тугкалӕн мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн.


Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ.


Ныххуырсдзынӕн дыл Мӕ маст, Мӕ масты пиллӕйттӕ дыл ныккалдзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн, марын ахуыр чи у, уыцы агъуыд адӕмы къухтӕм.


Ӕз Мысырӕн стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн.


Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.


Уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Ӕз Мӕхӕдӕг сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ ӕмӕ дыл адӕмты раз Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн.


ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый у Адӕймаджы Фырт.


Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.


Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут.


цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се ’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ