8 Кардӕй тӕрсут, ӕмӕ уӕ Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Ӕфсӕн цыргъагӕй куы аирвӕза — ӕрхуы фат ӕй баййафдзӕн.
Цӕмӕй-иу тарстӕн, уый мыл ныр ӕрцыд, Цӕмӕй стъӕлфыдтӕн, уый мӕ баййӕфта.
Ӕнӕхуыцӕуттыл, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕттӕ ’рцӕудзысты, рӕстудты бӕллицтӕ сӕххӕст уыдзысты.
Гъемӕ фыр тӕссӕй ӕмризӕджы куыд ризат, афтӕ уӕ бафхӕрдзынӕн Ӕз дӕр. Уымӕн ӕмӕ уӕм сидтӕн, ӕмӕ Мын дзуапп нӕ радтат, дзырдтон уӕм, ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Ме ’вастӕй ныххӕцыдыстут фыдракӕндтыл, кодтат, Мӕнӕн фӕндон цы нӕу, уыдӕттӕ».
Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх сыл ӕруадздзынӕн, уымӕй нӕ фервӕздзӕн».
Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл се ’ппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ нын нӕ ацы уаз бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр бабын кӕндзысты».