7 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: сахары мидӕг кӕй амардтат, уыдон сты дзидза, сахар та — аг. Фӕлӕ сымах Ӕз уырдыгӕй ракӕндзынӕн.
Елисей дӕр аздӕхти Гилгалмӕ. Уӕд уыцы зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уырдыгон пехуымпартӕ Елисеймӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд уый йӕ лӕггадгӕнӕгӕн бафӕдзӕхста: «Стыр аг бауӕларт кӕн ӕмӕ пехуымпартӕн хъӕрмхуыпп афыц!»
Дунедарӕг мын ногӕй фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Цы уыныс?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Фыцгӕ цӕджджинаг, цӕгатӕрдыгӕй фӕкъул ис».
Ацы сахар сымахӕн аг не суыдзӕн, сымах та дзы нӕ уыдзыстут дзидза. Израилы зӕххыл уын стӕрхон кӕндзынӕн,
Уыдон зӕгъынц, „Хӕдзӕрттӕ аразыны афон тагъд нӕма ӕрцӕудзӕн. Ацы сахар у аг, мах та — дзидза“.
Сахарӕй уӕ ракӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕм ратдзынӕн, тӕрхоны азар уыл ныххуырсдзынӕн.