23 Дунедарӕджы кад йӕхи систа сахарӕй ӕмӕ ӕрӕнцад, сахарӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хох ис, уый сӕрмӕ.
Къӕвдабон арвыл ӕврӕгъты цы арвӕрдын фӕзыны, уый ӕнгӕс уыди рухс Йӕ алыварс.
Дунедарӕджы кад Кувӕндоны къӕсӕрӕй иуварс айста йӕхи ӕмӕ ӕрлӕууыди херувимты сӕрмӕ.
Дунедарӕджы кад йӕхи систа херувимтӕй ӕмӕ ӕрӕнцади Кувӕндоны къӕсӕрыл, ӕмӕ Кувӕндон байдзаг ис ӕврагъӕй, кӕрт та — Дунедарӕджы кады тӕмӕнӕй.
Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.
Дунедарӕджы кад скӕсӕнварс кулдуарыл бацыди Кувӕндонмӕ.
Уым мын раргом ис Израилы Хуыцауы кад, быдыры кӕй федтон, уый ӕнгӕс.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Федтай, цытӕ аразынц, уый? Уыныс, Израилы адӕм ацы ран цытӕ аразынц, уый? Ӕвирхъау ӕлгъаг митӕ кӕнынц, цӕмӕй Ӕз Мӕ Кувӕндон ныууадзон. Фӕлӕ кӕс дарддӕр, ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».
Израилы Хуыцауы кад хӕрдмӕ ссыди, цы херувимтыл ӕнцад, уыдонӕй ӕмӕ Кувӕндоны къӕсӕрыл ӕрлӕууыд. Дунедарӕг фӕсидти, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕгмӕ
Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.
Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!