2 Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм аразынц фыдвӕндтӕ, фыдбылызы уынаффӕтӕ кӕнынц ацы сахары.
Цӕссыгкалгӕ та Естер ногӕй паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй уый сӕххӕст кӕнын ма бауадза агагаг Аманы фыдвӕнд иудейӕгты ныхмӕ.
Дунедарӕгмӕ удӕнцой агур, ӕмӕ дын Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.
Дӕ царды фӕндаг Дунедарӕджы бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ Йыл дар, ӕмӕ дын Уый дӕ алы хъуыддаг дӕр сараздзӕн:
Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.
«Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.
Рӕстдзинады сӕрыл чи сдзура, йӕ фарс чи рахӕца, иу ахӕм сӕм нӕ разынд. Сӕ зӕрдӕ дарынц сӕ ницӕйаг, сӕ мӕнг ныхӕстыл. Сӕхи хъарынц фыдбылызтӕ, бӕллӕхтӕ аразыныл.
Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм».
Фыдбылыз цӕудзӕни фыдбылызы фӕдыл, фыдуац фыдуацы фӕдыл. Пехуымпартӕй курдзысты цӕстылуайӕнтӕ, фӕлӕ сауджынтӕм зондамынд нал разындзӕн, хистӕртӕм та — уынаффӕ.
Ниневи, дӕуӕй рантысти, Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи аразы, ӕнӕхуыцау уынаффӕтӕ чи кӕны, уый!