Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 11:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕз пехуымпариуӕг куыд кодтон, афтӕ амарди Бенайайы фырт Пелатиа. Уӕд ӕз зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, бынтондӕр бабын кӕндзынӕ, Израилы адӕмӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 11:13
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта Дунедарӕджы Кувӕндоны скӕсӕйнаг кулдуармӕ. Кулдуары цур лӕууыди фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы. Се ’хсӕн сын федтон Аззуры фырт Иазанийы ӕмӕ Бенайайы фырт Пелатиайы, адӕмы фӕтӕгты.


Куы сӕ мардтой, уӕд ӕз иунӕгӕй аззадтӕн, ныддӕлгом дӕн зӕххыл ӕмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Дӕ маст Йерусалимыл ӕххуырсгӕйӕ, Израилы фӕдонтӕй ма чи баззади, ӕппӕт уыдоны бабын кӕндзынӕ?»


Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди.


Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта.


Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты бынмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ.


Ӕз Ӕм скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Бауром ацы бӕллӕх! Куыд аирвӕздзӕн Йаков! Тынг гыццыл куы у».


Уыдон зӕххыл кӕрдӕджы мур нал ныууагътой, ӕмӕ Йӕм ӕз скуывтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ныххатыр кӕн! Куыд аирвӕздзӕн Йаков? Нырма гыццыл у».


Уый аххосӕй уӕ Ӕз Мӕ пехуымпарты дзыхӕй цавтон, Мӕ дзыхы дзырдӕй уӕ мардтон. Хурыскастау ссыгъди уӕ сӕрмӕ Мӕ тӕрхон.


Ӕз, бардзырдмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтон рагуац, ӕмӕ, пехуымпариуӕг куы кодтон, уӕд райхъуысти уынӕр, стджытӕ базмӕлыдысты ӕмӕ байдыдтой кӕрӕдзиимӕ иу кӕнын, стӕг — стӕгимӕ.


Афтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йыл ӕвиппайды фыдбылыз ӕрцӕудзӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы фесӕфдзӕн ӕмӕ йӕ ничиуал фервӕзын кӕндзӕн.


Денджызы наутыл балцы чи ацыд, ӕгӕрон фурды уылӕнтыл йӕ куыст чи кодта,


Паддзах Йоровам, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Вефилы нывондхӕссӕны тыххӕй цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нывондхӕссӕны цурӕй йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ загъта: «Хӕцут ыл!» Фӕлӕ йӕ къух ӕвиппайды ныхъхъӕдӕг ис ӕмӕ бандзыг, ӕрбатасын ын нал куымдта.


уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй уӕ фырттӕ Мӕныл суӕлӕхох уыдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ фесафынмӕ фӕстиат нӕ фӕкӕндзӕн.


«Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: се сӕфт ӕрцыд Израилы адӕмӕн, йе сӕфт ӕрцыд ӕппӕт зӕххӕн дӕр.


Фӕлӕ сын Ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ сӕ нӕ бабын кодтон, нӕ сӕ ныццагътон ӕдзӕрӕг быдыры.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ