Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 11:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Сымах карды цӕфӕй амӕлдзыстут, Ӕз уын Израилы зӕххыл стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 11:10
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ.


Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый.


Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.


Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.


Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый Мӕн кӕй зоны ӕмӕ Мӕн кӕй ӕмбары, уымӕй ӕппӕлӕд. Ӕз, Дунедарӕг, зӕххыл аразын хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕхсызгон сты», — зӕгъы Дунедарӕг.


Фехалдзынӕн, чъырӕй цы быру сцагътат, уый, йӕ бындурӕй йӕ афӕлдахдзынӕн зӕххыл. Уый куы афӕлдӕха, уӕд йемӕ бабын уыдзыстут сымах дӕр, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Уӕ сӕрӕмбӕрзӕнтӕ уын аскъуыдтӕ кӕндзынӕн, Мӕ адӕмы уӕ къухтӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ амӕттаг нал уыдзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


уый тыххӕй сымах уӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ нал уындзыстут ӕмӕ пехуымпариуӕг нал кӕндзыстут. Мӕ адӕмы уын Ӕз уӕ къухтӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.


Бирӕтӕ мардӕй хаудзысты уе ’хсӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


стӕй Гевалы зӕхх ӕмӕ — скӕсӕнӕрдӕм — Ливан ӕнӕхъӕнӕй, Ермоны хохрӕбын Баал-Гадӕй Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй Хаматы сахарӕй бахизӕны онг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ