Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 11:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта Дунедарӕджы Кувӕндоны скӕсӕйнаг кулдуармӕ. Кулдуары цур лӕууыди фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы. Се ’хсӕн сын федтон Аззуры фырт Иазанийы ӕмӕ Бенайайы фырт Пелатиайы, адӕмы фӕтӕгты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 11:1
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд дӕу, чи зоны, Дунедарӕджы Уд ахӕсса, кӕдӕм, уый нӕ зонын. Ӕмӕ Ахавӕн куы зӕгъон дӕу тыххӕй, ӕмӕ дӕ уый куы не ссара, уӕд мӕ амардзӕн. Ӕз та, дӕ цагъар, ме ’взонгӕй нырмӕ дӕр Хуыцауӕн аргъуыц кӕнын.


Загътой йын: «Дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъаруджын лӕджы ис дӕ цагъарты ’хсӕн. Бар ратт, ӕмӕ дын дӕ ахуыргӕнӕджы агурӕг ацӕуой. Кӕд ӕй, мыййаг, Дунедарӕджы Уд ахаста ӕмӕ йӕ искӕцы хохыл кӕнӕ исты тӕрфы ныппӕрста». Уый сын загъта: «Ма сӕ арвитут».


Иудейаг ӕфсады хицӕуттӕ — Нетаниайы фырт Измаел, Кареахы фырт Йоханан, нетофаг Танхуметы фырт Серай ӕмӕ маахайаг Иазани — фехъуыстой, Вавилоны паддзах Гедалиайы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый. Ӕмӕ ӕд адӕм Гедалиамӕ ӕрбацыдысты Мицпамӕ.


Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Херувимтӕ сӕ базыртӕ айтыгътой ӕмӕ мӕ разы сӕхи хӕрдмӕ систой зӕххӕй. Куы сызмӕлыдысты, уӕд цӕлхытӕ дӕр хӕрдмӕ ссыдысты семӕ. Ӕрлӕууыдысты Дунедарӕджы Кувӕндоны скӕсӕйнаг кулдуары цур, ӕмӕ Израилы Хуыцауы кад уыди сӕ сӕрмӕ.


Сӕ цӕсгӕмттӕ дӕр уыдысты, Кевары доны цур цы цӕсгӕмттӕ федтон, уыдоны ӕнгӕс. Алчидӕр сӕ цыди, йе ’ргом кӕдӕм арӕзт уыд, уыцырдӕм.


Ӕз пехуымпариуӕг куыд кодтон, афтӕ амарди Бенайайы фырт Пелатиа. Уӕд ӕз зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, бынтондӕр бабын кӕндзынӕ, Израилы адӕмӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны?»


Мӕн та Хуыцауы Удӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны Уд систа, ӕмӕ мӕ ахаста халдейаг зӕхмӕ, хаст адӕммӕ. Ам мӕ цӕстылуайӕн фӕцыдӕр ис.


Йе ’лдӕрттӕ сты йӕ амӕттаджы скъӕфӕг бирӕгъау. Архайынц туг ныккалыныл, адӕмы бабын кӕныныл ӕмӕ афтӕмӕй сбонджын уӕвыныл.


Уд мӕ систа, ӕмӕ ӕз мӕ фӕсчъылдымӕй фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс: «Дунедарӕджы кад арфӕгонд у Йӕ ӕрвон цӕрӕны!»


Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.


Дунедарӕг мыл ӕруагъта Йӕ арм, Йӕ Уды хъомысӕй мӕ систа ӕмӕ мӕ дӕлвӕзы астӕу сӕвӕрдта. Дӕлвӕз йедзаг уыди стджытӕй.


Уый фӕстӕ рацыди кулдуармӕ, йе ’ргом скӕсӕнӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уымӕ, схызт ын йӕ асинтыл ӕмӕ йын сбарста йӕ къӕсӕры бӕзн — уыди барӕн хъилы йас.


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг бакодта Кувӕндонмӕ ӕмӕ йӕ сбарста. Йӕ бацӕуӕны уӕрх уыди дӕс ӕлмӕрины, бацӕуӕнӕн йӕ фӕйнӕфарс къулты дӕргъ — фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины, йӕ цӕджындзты бӕзн та — фӕйнӕ ӕхсӕз ӕлмӕрины. Кувӕндонӕн мидӕгӕй йӕ дӕргъ уыди цыппор ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — ссӕдз ӕлмӕрины.


Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.


Ӕрбадардта мӕм къухы хуызӕн цыдӕр, мӕ сӕрыхъуынтӕй мӕ фелвӕста. Уд мӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕумӕ систа ӕмӕ мӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны ӕрхаста Йерусалиммӕ, йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы мидӕггаг кулдуары цурмӕ. Уым лӕууыди, Дунедарӕгӕн Йӕ маст кӕмӕ сыгъди, уыцы гуымиры.


Иудӕйы фӕтӕгтӕ искӕй ауӕдзыл фалдӕр кӕй ахӕцынц, уый тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн донау!


Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыди йӕ фӕндагыл.


Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ