9 Ӕз федтон: херувимты раз лӕууы цыппар цалхы — алы херувимы раз дӕр иу цалх — хризолитау цӕхӕртӕ калдтой.
Алы суанцъыйӕн дӕр уыди цыппар цалхы, ӕрхуы сӕмӕнтимӕ. Йӕ цыппар фисыныл — агуромӕнтӕ, дидинджыты чъинатимӕ уыдысты иу джиппы уагъд.
Цыппар цалхы дӕр уыдысты иухуызон, цыма иу цалх иннӕйы мидӕг уыд, уыйау.
Херувимтыл зынди адӕймаджы къухты хуызӕттӕ сӕ базырты бын.
йӕ гуыр — налхъуыт-налмасы ӕнгӕс, йӕ цӕсгом та ӕрвӕрттывдау цӕхӕртӕ калдта. Йӕ цӕстытӕ уыдысты арты ӕвзӕгтау, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — ӕрттиваг ӕрхуыйау. Куы сдзырдта, уӕд йӕ хъӕлӕс уыди дзыллӕйы уынӕрау.
фӕндзӕм — сардоникс, ӕхсӕзӕм — сердолик, ӕвдӕм — хризолит, ӕстӕм — берилл, фарӕстӕм — топаз, дӕсӕм — хризопраз, иуӕндӕсӕм — гиацинт, дыууадӕсӕм — аметист.