5 Херувимтӕн сӕ базырты уынӕр хъуысти суанг ӕддаг кӕртмӕ, уыцы уынӕр уыдис Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсы ӕнгӕс, Уый дзургӕ куы фӕкӕны, уӕд.
Галуаны бӕстыхӕйтты систӕ иууылдӕр, бындурӕй уӕллаг тигъы онг, амад уыдысты зынаргъ ӕмӕ бӕрӕг ас дуртӕй. Сӕ мидӕггаг ӕмӕ се ’ддаг фӕрстӕ лыггонд уыдысты дурфадӕн хырхытӕй.
Ноджы ма скодта сауджынты кӕрт, стӕй стыр кӕрт ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕртмӕ цӕуынӕн. Кулдуӕртты цӕджындзтӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ.
Уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕр баууӕнддзынӕн, дӕ рахиз къух дӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл.
Ӕфхӕрд адӕм уый куы феной, уӕд бацин кӕндзысты. Хуыцауы чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты царды ныфсӕй.
Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ Йӕ разы сӕ тӕригъӕдтӕм ноджы бафтыдтой — Бӕрзӕндтыл Бадӕджы ныхмӕ сыстадысты ӕдзӕрӕг быдыры.
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.
Сыкъауадындзы уасын хъӕрдӕрӕй-хъӕрдӕр кодта. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау арвы нӕрынӕй дзуапп лӕвӕрдта.
Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!»
Куы-иу рацӕйцыдысты, уӕд-иу сын ӕз сӕ базырты уынӕр хъуыстон денджызы уынӕрау, Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсау, хӕстон асадӕны тохы хъӕрау. Куы-иу ӕрлӕууыдысты, уӕд-иу сӕ базыртӕ ӕруагътой.
Гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн афтӕ куы бафӕдзӕхста, уад-цӕлхыты ӕхсӕн, херувимты астӕу цы зынг судзы, уымӕй райс, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый куы бацыд ӕмӕ цалхы раз куы ӕрлӕууыд,
Уыцы лӕг мӕ бакодта ӕддаг кӕртмӕ, йӕ алыварс — ӕртын агъуысты. Кӕрт уыди дурӕй астӕрд.
Уыцы лӕг мӕ ракодта ӕддаг кӕртмӕ, бакодта мӕ кӕртӕн йӕ цыппар къуыммӕ дӕр, ӕмӕ ма йын йӕ алы къуымы дӕр федтон фӕйнӕ кӕрты.