Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 10:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дунедарӕджы кад йӕхи систа херувимтӕй ӕмӕ ӕрӕнцади Кувӕндоны къӕсӕрыл, ӕмӕ Кувӕндон байдзаг ис ӕврагъӕй, кӕрт та — Дунедарӕджы кады тӕмӕнӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 10:4
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис. Уый тыххӕй Моисейы бон нӕ уыди Цатырмӕ бацӕуын.


Паддзах Озиайы амӕлӕты аз ӕз федтон Бардарӕджы. Уый бадти паддзахы бӕрзонд бадӕны ӕмӕ Йӕ пӕлӕзы фӕччитӕй Кувӕндон нал зынди.


Къӕвдабон арвыл ӕврӕгъты цы арвӕрдын фӕзыны, уый ӕнгӕс уыди рухс Йӕ алыварс.


Дунедарӕджы кад Кувӕндоны къӕсӕрӕй иуварс айста йӕхи ӕмӕ ӕрлӕууыди херувимты сӕрмӕ.


Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис.


Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта мидӕггаг кӕртмӕ. Ӕз федтон, Кувӕндон Дунедарӕджы кадӕй йемыдзаг куыд баци, уый.


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг цӕгатварс кулдуарыл бакодта Кувӕндоны размӕ. Ӕз федтон, Дунедарӕджы кадӕй Кувӕндон йемыдзаг куыд баци, уый ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Израилы Хуыцауы кад хӕрдмӕ ссыди, цы херувимтыл ӕнцад, уыдонӕй ӕмӕ Кувӕндоны къӕсӕрыл ӕрлӕууыд. Дунедарӕг фӕсидти, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕгмӕ


Ацы Кувӕндон, йӕ размӕ цы хӕдзар уыди, уымӕй кадджындӕр уыдзӕн, ӕмӕ Ӕз ацы бынат фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг!»


Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.


Кувӕндон байдзаг ис Хуыцауы кад ӕмӕ тыхы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, цалынмӕ авд зӕдӕн сӕ авд рыны фӕуой, уӕдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ