Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 10:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Адон уыдысты, Израилы Хуыцауы бадӕны бынмӕ Кевары доны цур кӕй федтон, уыцы удгоймӕгтӕ. Ӕмӕ ӕз базыдтон, херувимтӕ кӕй уыдысты, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 10:20
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы уромӕнтӕ ӕмӕ фӕрсты уадздзӕгтыл Хурам скодта херувимтӕ, домбӕйттӕ ӕмӕ пальмӕты нывӕфтыдтӕ, сӕ алыварс та — дидинджыты чъинатӕ.


Кевары доны был хаст адӕмимӕ куы цардтӕн — ӕртынӕм азы, цыппӕрӕм мӕйы фӕндзӕм бон — уӕд арвы дуар байгом ис, ӕмӕ мын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн.


Арты астӕуӕй калди налхъуыт-налмасау цӕхӕркалгӕ рухс; арты астӕу зынди чидӕртӕ — цыппар удгоймаджы хуызӕн. Уыдон уыдысты адӕймаджы ӕнгӕс,


Херувимтӕ хӕрдмӕ ссыдысты. Уыдон уыдысты, Кевары доны цур кӕй федтон, уыцы удгоймӕгтӕ.


Ӕз сыстадтӕн ӕмӕ быдырмӕ ацыдтӕн, ӕмӕ федтон Дунедарӕджы кад, Кевары доны был ӕй куыд федтон, афтӕ. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Ацы цӕстылуайӕн дӕр уыди, Кевары доны цур, стӕй ма иу хатт дӕр кӕй федтон, ахӕм. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ