Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Цӕлхыты ’хсӕнты херувимты бынмӕ бацу, херувимты ’хсӕнӕй дыууӕ армы дзаг зынджытӕ райс ӕмӕ сӕ сахарыл фехс». Уыцы лӕг мӕ разы херувимты бынмӕ бацыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 10:2
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр.


Уадз ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ сӕ ахсӕн хызты бахауой сӕхӕдӕг, ӕз та сӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн ӕдасӕй.


Хуыцауы тас — сыгъдӕг, нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ. Дунедарӕгӕн йӕ тӕрхӕттӕ — ӕцӕг, иууылдӕр рӕстаг сты.


Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.


Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.


Уыцы удгоймӕгтӕ уыдысты судзгӕ арты цӕхӕры хуызӕн, цырагъӕнгӕс. Се ’хсӕн цыди арт ӕмӕ пиллон уагъта, арвӕрттывдтӕ-иу рацыдис артӕй.


Херувимтӕ-иу куы сызмӕлыдысты, уӕд-иу цӕлхытӕ дӕр цыдысты семӕ, херувимтӕ-иу сӕ базыртӕ куы айтыгътой, зӕххӕй сӕхи хӕрдмӕ сисыны охыл, уӕд-иу сӕ нӕ фӕхицӕн сты цӕлхытӕ дӕр — уыдысты семӕ.


Ӕмӕ мӕнӕ, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕг дзуапп радта: «Куыд мын бафӕдзӕхстай, афтӕ бакодтон».


Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,


Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ