1 Ӕз федтон: херувимты сӕрмӕ цы ӕрдынӕг уыд, уый сӕрмӕ зынди цыдӕр, сапфирӕй конд паддзахы бадӕны хуызӕн.
Дунедарӕг загъта: «Цы сфӕнд кодтон, уый Авраамӕй цӕмӕн бамбӕхсон!
Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис
Лӕгтӕ уырдыгӕй рацыдысты ӕмӕ Содомы ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Дунедарӕджы раз.
Авраам та бафарста: «Мӕ ных ма, зӕгъын, куы батӕрин ӕмӕ Бардарӕджы куы бафӕрсин: ныр дзы ссӕдз разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Ссӕдзы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».
Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.
Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ.
Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн.
Хуыцауы тас — сыгъдӕг, нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ. Дунедарӕгӕн йӕ тӕрхӕттӕ — ӕцӕг, иууылдӕр рӕстаг сты.
ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы. Йӕ къӕхты бын уыдис цыдӕр, сапфир-дурӕй астӕрды хуызӕн, арвау сыгъдӕг.
Дзӕвгар рӕстӕг куы рацыди, уӕд та мын Дунедарӕг загъта: «Ацу Евфраты доны былмӕ ӕмӕ дын кӕй бамбӕхсын кодтон, уыцы рон райс».
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта:
Кевары доны был хаст адӕмимӕ куы цардтӕн — ӕртынӕм азы, цыппӕрӕм мӕйы фӕндзӕм бон — уӕд арвы дуар байгом ис, ӕмӕ мын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн.
Адон уыдысты, Израилы Хуыцауы бадӕны бынмӕ Кевары доны цур кӕй федтон, уыцы удгоймӕгтӕ. Ӕмӕ ӕз базыдтон, херувимтӕ кӕй уыдысты, уый.
Херувимтӕ сӕ базыртӕ айтыгътой, ӕмӕ уыдонимӕ сӕхи хӕрдмӕ систой цӕлхытӕ дӕр. Израилы Хуыцауы кад уыди сӕ сӕрмӕ.
Ӕмӕ мӕнӕ, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕг дзуапп радта: «Куыд мын бафӕдзӕхстай, афтӕ бакодтон».
Гӕнахы сӕрыл хъалагъур лӕууын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Дунедарӕг мын цы зӕгъдзӕни, мӕ хъастӕн мын цы дзуапп ратдзӕни, уымӕ.
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.
Уыцы тыхӕй Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта Чырыстийы ӕмӕ Йӕ ӕрбадын кодта Йӕ рахизфарс уӕлӕрвты,
Хӕстхъом уӕ чидӕриддӕр у, уыдон ӕхсӕз боны дӕргъы сахары алыварс алы бон дӕр иу зылд кӕнӕнт.
Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.
ӕмӕ цыма цырагъдарӕнты хсӕн лӕууы чидӕр — Адӕймаджы фырты ӕнгӕс. Йӕ уӕлӕ — даргъ дарӕс, Йӕ гуыр — сыгъзӕрин ронӕй ӕлвӕст.