Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 1:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 халдейаг зӕххыл, Кевары доны был, Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта сауджын Езекиелӕн, Бузийы фыртӕн. Уыцы ран ыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 1:3
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр Илийайыл та Дунедарӕг йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ уый йӕ фӕччитӕ йӕ роны атъыста ӕмӕ Ахавы уӕрдоны разӕй суанг Изреелы онг фезгъордта.


Ныр мын фӕндырдзӕгъдӕгмӕ фӕдзурут!» Фӕндырдзӕгъдӕг хъисынӕй куы ’рцагъта, уӕд Елисейыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд,


Давиды псалом. Стауын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, зарын Дӕ кадӕн зӕдты раз.


Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.


Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Сымах дзурут, Дунедарӕг нын Вавилоны дӕр пехуымпартӕ радта, зӕгъгӕ.


Кевары доны был хаст адӕмимӕ куы цардтӕн — ӕртынӕм азы, цыппӕрӕм мӕйы фӕндзӕм бон — уӕд арвы дуар байгом ис, ӕмӕ мын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн.


Херувимтӕ хӕрдмӕ ссыдысты. Уыдон уыдысты, Кевары доны цур кӕй федтон, уыцы удгоймӕгтӕ.


Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.


Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.


Уӕд бацыдтӕн Кевары доны цур Тел-Авивы цӕрӕг хаст адӕммӕ. Уым баззадтӕн ӕмӕ сӕм авд боны зӕрдӕнкъуыстӕй фӕдӕн.


Уыцы ран мыл Дунедарӕг Йӕ арм ӕруагъта ӕмӕ мын загъта: «Марадз, ацу быдырмӕ, Ӕз уым ныхас кӕндзынӕн демӕ».


Ӕз сыстадтӕн ӕмӕ быдырмӕ ацыдтӕн, ӕмӕ федтон Дунедарӕджы кад, Кевары доны был ӕй куыд федтон, афтӕ. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Фӕлӕ мыл йе ’рбацыды размӕ Дунедарӕг изӕрӕй Йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ мӕм лигъдон сӕумӕйӕ куы ’рбацыди, уӕдмӕ мын байгом кодта мӕ дзых. Ме ’взаг мын суӕгъд кодта ӕмӕ ӕз нал уыдтӕн ӕгомыг.


Дунедарӕг мыл ӕруагъта Йӕ арм, Йӕ Уды хъомысӕй мӕ систа ӕмӕ мӕ дӕлвӕзы астӕу сӕвӕрдта. Дӕлвӕз йедзаг уыди стджытӕй.


Нӕ ахасты дыууын фӕндзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Йерусалимы ныппырхыл цыппӕрдӕс азы куы рацыд, тӕккӕ уыцы бон мыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд ӕмӕ мӕ ахаста уырдӕм.


Ацы цӕстылуайӕн дӕр уыди, Кевары доны цур, стӕй ма иу хатт дӕр кӕй федтон, ахӕм. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Ӕхсӕзӕм аз, ӕхсӕзӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон, ӕз бадтӕн мӕ хӕдзары, Иудейы хистӕртӕ дӕр — мӕ разы, ӕмӕ мыл уым Дунедарӕг Хуыцауы къух бандзӕвыд.


Фыццаг мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, Тигры стыр доны был,


Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.


Дунедарӕг Петуелы фырт Иоелӕн загъта:


Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой монтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ