13 Уыцы удгоймӕгтӕ уыдысты судзгӕ арты цӕхӕры хуызӕн, цырагъӕнгӕс. Се ’хсӕн цыди арт ӕмӕ пиллон уагъта, арвӕрттывдтӕ-иу рацыдис артӕй.
Хур аныгуылд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар ис. Ӕвиппайды сырхзынг пец ӕмӕ пиллонуадзгӕ цырагъ кусарты хӕйттӕн сӕ тӕккӕ астӕуты ацыдысты.
Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс, кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ.
Сӕ къӕхтӕ уыдысты ӕмраст, сӕ къахы фадтӕ — стуры фадты хуызӕн, цӕхӕр сын калдтой ӕрттиваг ӕрхуыйау.
Дунедарӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Цӕлхыты ’хсӕнты херувимты бынмӕ бацу, херувимты ’хсӕнӕй дыууӕ армы дзаг зынджытӕ райс ӕмӕ сӕ сахарыл фехс». Уыцы лӕг мӕ разы херувимты бынмӕ бацыди.
Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,
Уый уыди арвӕрттывды ӕнгӕс, йӕ дарӕс — урс-урсид митау.
Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.
Ӕз федтон ӕндӕр хъомысджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ дарӕс уыдис ӕврагъ, йӕ сӕрмӕ — арвӕрдын, йӕ цӕсгом — хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ — судзгӕ цӕджындзтау.
Уый фӕстӕ ӕз уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ федтон, стыр бартӕ кӕмӕ уыд, ахӕм ӕндӕр зӕды. Зӕхх ныррухс ис йӕ кадӕй.
Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыдис ӕрвӕрттывдтӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд цырагъы — уыдон сты Хуыцауы авд уды.