12 Алчидӕр дзы цыди, йӕ цӕсгом кӕцырдӕм арӕзт уыди, уыцырдӕм, Уд сын кӕдӕм амыдта, уырдӕм; цӕугӕ-цӕуын фӕстӕмӕ нӕ кастысты.
Куы-иу сызмӕлыдысты, уӕд-иу сӕ бон уыдис алырдӕм дӕр ацӕуын, сӕ цыппарӕй алкӕмӕн дӕр йе ’ргом кӕдӕм здӕхт уыд, уымӕ гӕсгӕ; цӕугӕ-цӕуын фӕстӕмӕ нӕ кастысты.
сӕ базыртӕ кӕрӕдзиуыл ӕндзӕвыдысты. Цӕугӕ-цӕуын фӕстӕмӕ нӕ кастысты, алчидӕр дзы цыди, йӕ цӕсгом кӕцырдӕм арӕзт уыди, уыцырдӕм.
Сӕ цӕсгӕмттӕ дӕр уыдысты, Кевары доны цур цы цӕсгӕмттӕ федтон, уыдоны ӕнгӕс. Алчидӕр сӕ цыди, йе ’ргом кӕдӕм арӕзт уыд, уыцырдӕм.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?