Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Алкӕмӕн дӕр дзы рахизӕрдыгӕй уыдис адӕймаджы цӕсгом, стӕй домбайы цӕсгом, галиуӕрдыгӕй та — галы цӕсгом; ноджы ма дзы алкӕмӕн дӕр уыди цӕргӕсы цӕсгом дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 1:10
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гады хӕдзарвӕндагӕй Давидимӕ ӕдзӕрӕг быдыры фидары баиу сты ӕхсарджын, тохвӕлтӕрд хӕстонтӕ, арц ӕмӕ уартӕй ифтонг, домбӕйттау — сӕ бакаст, сычъитау хӕхтыл уадысты цӕрдӕг.


Дӕ ныхасӕй фехсы йӕхи хӕрдмӕ ӕмӕ бӕрзонд ӕрцаразы йӕ ахстон?


Галтӕ кӕм нӕй, уым хордон — афтид; хъаруджын галтӕ кӕм уа, уым тыллӕг бирӕ уыдзӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.


Ӕмӕ уыдӕттӕ ма рох кӕнут, хивастытӕ, уӕ зӕрдыл сӕ дарут!


фӕлӕ дзы алкӕмӕн дӕр уыди цыппар цӕсгомы ӕмӕ цыппар базыры.


Херувимтӕй алкӕуыл дӕр уыди цыппар цӕсгомы: фыццаг цӕсгом — херувимы цӕсгом, дыккаг цӕсгом — адӕймаджы цӕсгом, ӕртыккаг — домбайы цӕсгом, цыппӕрӕм та — цӕргӕсы цӕсгом.


Иуӕрдыгӕй пальмӕмӕ кӕсы адӕймаджы цӕсгом, иннӕрдыгӕй та — домбайы цӕсгом; ахӕм нывӕфтыдтӕ Кувӕндоны конд ӕрцыдысты алырдыгӕй.


Фыццаг сырд уыди домбайы хуызӕн, фӕлӕ цӕргӕсы базыртимӕ. Йӕ базыртӕ йын ратындӕуыд, хӕрдмӕ йыл схӕцыдысты; адӕймагау йӕ къӕхтыл слӕууыд, ӕмӕ йын адӕймаджы сӕрызонд лӕвӕрд ӕрцыди.


Рувимы ӕфсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд хуссарӕрдыгӕй. Рувимы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елицур, Шедеуры фырт.


Ефремы ’фсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд ныгуылӕнӕрдыгӕй; Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елишама, Аммиуды фырт.


Даны ӕфсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд цӕгатӕрдыгӕй; Даны байзӕддӕгты фӕтӕг — Ахиезер, Амишаддайы фырт.


Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт.


Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».


Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг — галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн.


Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».


Ӕвдӕм бон, хур нӕма аныгуылд, афтӕ сахары цӕрджытӕ Самсонӕн дзуапп радтой: «Цы ис мыдӕй адджындӕр? Чи у домбайӕ тыхджындӕр?» Самсон сын загъта: «Мӕ дыгӕрдыгыл мын куынӕ хуым кодтаиккат, уӕд мын мӕ уыци-уыци нӕ базыдтаиккат».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ