Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Естер 9:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29-30 Ӕхсин-паддзах Естер, Авихаилы чызг, иудейаг Мардохеимӕ ногӕй ныффыста Пуримы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ бӕрӕгбон сфидар кодта. Ӕмӕ фӕхӕццӕ ис уыцы фыст, цардамонд ӕмӕ ӕдасдзинадыл дзурӕг, Ксерксы паддзахады сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы цӕрӕг иудейӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Естер 9:29
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Естерӕн, Мардохейы фыды ’фсымӕр Авихаилы чызгӕн, йӕ рад куы ’рцыди ӕмӕ паддзахмӕ куы раст кодта, уӕд ӕппындӕр ницы бадомдта, сылгоймӕгтӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы евнух Хегай йын цӕмӕ бацамыдта, уымӕй уӕлдай. Чи-иу ӕй федта, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цыди Естер.


Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.


Паддзах Ксерксы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйы халдихтӕ паддзахы дугъон бӕхтыл бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтой фидиуджытӕ.


Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр Мардохей фӕфыста ӕмӕ йӕ фыстӕг Ксерксы паддзахады цӕрӕг иудейӕгтӕм — дард ран уой, хӕстӕг ран уой — се ’ппӕтмӕ дӕр фервыста, цӕмӕй ӕрвылаз адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм ӕмӕ фынддӕсӕм бонтӕ бӕрӕг кӕной.


Уыцы бонтӕ зӕрдылдаринаг сты алы фӕлтӕр, алы хӕдзарвӕндагӕн дӕр, алы зылды, алы сахары дӕр! Иудейӕгтӕн рохгӕнӕн нӕй Пуримы бонтӕ! Мыггагмӕ дарӕнт сӕ зӕрдыл Пурим!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ