Афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон фӕсидтысты паддзахы писыртӕм ӕмӕ, Аманы куыд фӕндыди, ахӕм уынаффӕ гӕххӕттыл ныффыстой паддзахы уагдартӕн. Бӕстӕйы алы рӕттӕм, паддзахады алы адӕмты хицӕуттӕм ӕй фервыстой — алы адӕмӕн йӕхи ’взагыл, йӕхирдыгонау фыстӕй. Уынаффӕ рахастой паддзах Ксерксы номӕй ӕмӕ йӕ паддзахы къухдарӕнӕй бафидар кодтой.