Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Естер 9:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 «Кӕд паддзахӕн фӕндон у, — дзуапп радта Естер, — уӕд бар раттӕд, цӕмӕй райсом дӕр Шушаны иудейӕгтӕ абоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ та цӕджындзыл ауыгъд ӕрцӕуӕнт».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Естер 9:13
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн».


Гивонӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сӕ уыдон Дунедарӕджы раз, кувӕн къуыбырыл, ӕрцауыгътой. Авдӕй дӕр амардысты иумӕ, хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхорӕфснайӕнтӕ куы райдыдтой, уӕд.


Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.


Паддзах загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной. Уынаффӕ Шушаны цӕрджытӕн фехъусын кодтой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ цӕджындзыл ауыгъд ӕрцыдысты.


Адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон та Шушаны иудейӕгтӕ ногӕй ӕрбамбырд сты ӕмӕ ма ноджы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардтой, фӕлӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


уӕд мардӕн ӕхсӕвы хъӕдыл ауыгъдӕй ныууадзӕн нӕй, ӕмбойны йӕ баныгӕнын хъӕуы. Хъӕдыл ауыгъд Хуыцауӕй ӕлгъыст у! Уӕдӕ ма чъизи кӕнут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ