Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Естер 3:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6-7 Фӕлӕ ӕрмӕст Мардохейы бафхӕрын йӕхицӕн ӕгадыл банымадта. Мардохей иудейаг у, уый йын куы загътой, уӕд сфӕнд кодта ӕппӕт дзуттӕгты дӕр фесафын. Хъуамӕ, Ксерксы паддзахады цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътаид. Бон ӕмӕ мӕй снысан кӕныны тыххӕй та Аман, Ксерксы паддзахиуӕгӕн йӕ дыууадӕсӕм азы фыццаг мӕй, нисаны, пур (ома хӕлттӕ) сӕппарын кодта, ӕмӕ дыууадӕсӕм мӕйы — адары — хал схауди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Естер 3:6
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ксеркс куы сси паддзах, уӕд та цъыфкалӕнтӕ фӕфыстой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытыл.


Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.


Дӕ нывондхӕссӕнты алыварс суанг сырддонцъиутӕ ӕмӕ зӕрватыччытӕ дӕр сӕ лӕппынтӕн ахстӕттӕ куы аразынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!


Тӕхудиаг сты, Дӕ хӕдзары чи цӕры, уыдон, — иудадзыг Дӕ стаудзысты!


«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».


Уӕдӕ райут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ! Додой сӕ сӕр кӕны зӕхх ӕмӕ денджызӕн! Ӕрхызти уӕм хӕйрӕг мӕстӕлгъӕдӕй, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал ис, уый зонгӕйӕ!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ