Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Естер 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Чи у, кӕцӕй у, уыдӕтты тыххӕй Естер ницы дзырдта, уымӕн ӕмӕ йын Мардохейӕ афтӕ фӕдзӕхст уыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Естер 2:10
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мардохей та-иу ӕрвылбон фӕзынди сылгоймӕгты хатӕны кӕрты — Естер йӕхи куыд хаты, йӕ хъуыддӕгтӕ куыд сты, уый бӕрӕг кодта.


Естер ницыма загъта, чи у ӕмӕ кӕцон у, уый тыххӕй, Мардохей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Йӕ ныхасмӕ та йын Естер, йӕ хъомылгӕнинаг куы уыди, уӕд куыд хъуыста, ныр дӕр афтӕ.


Мардохейы фыды ’фсымӕр ӕмӕ йӕ ус амардысты, сӕ чызг Хадассӕ, Естер дӕр ӕй хуыдтой, сидзӕрӕй баззад, ӕмӕ йӕ Мардохей схъомыл кодта. Цӕсгомӕй дӕр ӕмӕ кондӕй дӕр Естер тынг рӕсугъд уыди.


Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Сывӕллӕттӕ, кӕсут уӕ ныййарджыты коммӕ, Дунедарӕг куыд домы, афтӕ.


Мусмӕ фӕцыд ӕмӕ йын йе ’фсин куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ