Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Иннӕтӕ та, дыууӕ мин азы куы фӕцӕрой, фӕлӕ амонд куынӕ бавзарой, уӕддӕр уыциу ранмӕ цӕуынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Иннӕтӕ та, дыууӕ мин азы куы фӕцӕрой, фӕлӕ амонд куынӕ бавзарой, уӕддӕр уыциу ранмӕ цӕуынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 6:6
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы.


ӕмӕ загъта: «Мадард бӕгънӕгӕй рацыдтӕн мӕ мады гуыбынӕй ӕмӕ уырдӕм дӕр мадард бӕгънӕгӕй ацӕудзынӕн: Дунедарӕг радта, Дунедарӕг айста. Арфӕгонд уӕд Йӕ ном!»


Зонын ӕй, маргӕ мӕ кӕныс, удӕгӕстӕ иууылдӕр кӕдӕм бацӕуынц, уырдӕм у мӕ фӕндаг.


О ме Скӕнӕг, мӕ цард — дымгӕйы иу ӕрбафуттау, хорзӕй ницыуал фендзынӕн.


Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.


уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.


Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у.


Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.


Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у.


Уый хуры рухс нӕ фены, ницы базоны, фӕлӕ иннӕ адӕмӕй уӕлдай ӕнцой ссары.


Цинтӕм цӕуынӕй мӕстджын хӕдзармӕ цӕуын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕ дӕр иу кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уадз ӕмӕ йӕ рох мачи кӕна.


Алкӕуыл дӕр алцыдӕр ӕрцӕуы: рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыныл; сыгъдӕг ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, ууыл; нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ сӕ чи нӕ хӕссы, уыдоныл; сомыгӕнджытыл ӕмӕ, сомы кӕнынӕй чи тӕрсы, уыдоныл.


Уым никуыуал ахуысдзӕни сабийы зынг, иу ацӕргӕ дӕр дзы нал амӕлдзӕни, цалынмӕ хӕрз зӕронд бауа, уӕдмӕ. Сӕдӕаздзыдӕй чи амӕла, уымӕй дзурдзысты, цардхъуаг уыди, зӕгъгӕ. Ӕнус чи нӕ фӕцӕра, уымӕй, ӕлгъыст фӕци, зӕгъгӕ, дзурдзысты.


Хӕдзӕрттӕ нӕ араздзысты ӕмӕ дыргъдӕттӕ нӕ кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн. Ме ’взӕрст адӕм цӕрдзысты, бӕлас цас цӕры, уый бӕрц, цӕрдзысты сӕ къухты фӕллойӕ.


Ӕдзӕрӕг быдыры цы какон сындз зайы, уыйау хорзӕх нӕ фендзӕни. Ӕнтӕф ӕдзӕрӕг быдыр, иунӕг цӕрӕг дӕр кӕм нӕй, уыцы цӕхджын зӕхх йӕ цӕрӕн къуым суыдзӕн.


Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ