Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 аскъуыйынӕн ӕмӕ бахуыйынӕн; хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ дзурынӕн;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

7 аскъуыйынӕн ӕмӕ бахуыйынӕн; хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ дзурынӕн;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 3:7
32 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,


Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.


Уӕд Иудӕ Йосефмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йӕм бахатыди: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, дӕ цагъарӕн ныхасы бар ратт. Фараоны ӕмсӕр дӕ ӕмӕ ма смӕсты у дӕ цагъармӕ.


Уымӕн ӕмӕ лӕппу мемӕ куынӕ уа, уӕд куыд ӕрлӕудзынӕн нӕ фыды раз? Уый удхармӕ кӕсын нӕ бауыдзӕни мӕ бон».


Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр.


Йоав ӕмӕ, йемӕ чи уыди, ӕппӕт уыцы адӕмӕн Давид загъта: «Уӕ дарӕс арӕдувут фӕйнӕрдӕм, сӕхъистӕ скӕнут уӕ уӕлӕ ӕмӕ Авнерыл уӕ цӕссыг калут». Паддзах Давид йӕхӕдӕг дӕр Авнеры сынты фӕдыл цыди.


Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.


Адӕм ӕм иууылдӕр хъуыстой ӕдзӕмӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ.


Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».


Паддзах сылгоймагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, ӕмӕ, дарддӕр куы фӕцӕйцыд, уӕд адӕм федтой, мидӕгӕй йыл сӕхъис кӕй уыди, уый.


Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».


Авд боны ӕмӕ авд ӕхсӕвы йӕ фарсмӕ зӕххыл фӕбадтысты. Иу ныхас дӕр сӕ ничи скодта, уымӕн ӕмӕ йын йе стыр хъизӕмар уыдтой.


Фидарӕй мӕ зӕрдӕ дардтон Дунедарӕгыл, ӕмӕ мӕм Уый ӕркасти, фехъуыста мын мӕ дзыназын.


агурынӕн ӕмӕ, цы фесӕфтис, уый фӕдыл мауал зилынӕн; бавӕрынӕн ӕмӕ аппарынӕн;


Иууылдӕр ӕм хъуыстой ӕнӕ хъыпп, ӕнӕ сымӕй, иу ныхас дӕр не схауди сӕ дзыхӕй, уымӕн ӕмӕ сын паддзах Езекиа бафӕдзӕхста, мацы-иу ӕм сдзурут, зӕгъгӕ.


Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.


«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.


Ӕдзӕмӕй бады иунӕгӕй: йӕ уаргъ ыл Дунедарӕг сӕвӕрдта.


Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй.


Ацы заманы куырыхон йӕ дзыхыл хӕцы, уымӕн ӕмӕ фыд заман у.


Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»


Ма ӕууӕнд дӕ хионыл, де ’рдхордыл дӕ зӕрдӕ ма дар, дӕ хуыссӕнуаты чи фынӕй кӕны, уымӕн дӕр-иу мацы схъӕр кӕн.


Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».


Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.


Саул дзуапп радта: «Загъта нын, хӕрджытӕ разындысты, зӕгъгӕ». Самуел ын паддзахдзинады тыххӕй цы дзырдта, уый та не схъӕр кодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ