Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

23 Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 2:23
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.


Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».


Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты.


Сылгоймаг кӕй ныййардта, уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у, йӕ маст та — бирӕ.


Уый адӕймаг райгуыры хъизӕмарӕн, цӕмӕй зынджы стъӕлфӕнау арвмӕ стӕха.


Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхас ӕцӕг у, Йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — раст.


Фӕсиддзӕн Мӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Йӕ тыхсты сахат йемӕ дӕн. Ӕххуысмӕ йӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн.


Ӕз сфӕнд кодтон уӕлзонды фӕрцы, дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ бафӕлварын. Ацы ӕвзӕр хъуыддаг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй тухӕн кӕной.


Уымӕн ӕмӕ адӕймаг цас куырыхондӕр кӕны, уыйас йӕ маст арфдӕр кӕны, ӕмӕ йӕ зондыл цас фылдӕр ӕфтауы, уыйас тынгдӕр — йӕ рыст.


Ме ’ппӕт фӕллӕйттӕм ӕмӕ тухӕнтӕм иу хатт фӕстӕмӕ куы акастӕн, уӕд та, раздӕрау, загътон: «Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты, арвы бын сӕ ницы пайда ис».


Иу ӕнамонд хъуыддаг бафиппайдтон зӕххыл: хъӕздыг йӕ мулк йӕхи фыдбылызӕн фембырд кӕны,


Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у.


Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.


Дарий йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ дзыхмӕ хойраг нал схаста. Хуыссӕг ӕй нал ахста, ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ номылустыты дӕр ӕрбакӕнын нӕ бауагъта.


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ