Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Экклесиаст 2:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Экклесиаст 2:1
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».


Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг.


Уый фыдгӕнджытыл судзгӕ ’взалытӕ, сондон ӕруарын кӕндзӕн къӕвдайау, судзгӕ зилгӕ уад — сӕ хай.


О Дунедарӕг! Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры, Дӕ уаз хохыл цӕрын?


Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.


Циндзинады дӕр зӕрдӕ фӕриссы, ӕмӕ цин раивы мастӕй.


Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Цӕмӕфӕнды ма бабӕллон, мӕхицӕн «нӕ», зӕгъгӕ, никуы ницӕмӕй загътон, цин кодтон мӕ фӕллӕйттыл. Мӕ тухӕнты фӕстӕ уыцы циндзинад райстон хӕрзиуӕгӕн.


Мӕхинымӕр загътон: «Уӕдӕ ахӕм куырыхон цӕмӕн сдӕн? Мӕнмӕ дӕр ӕмӕ ӕдылымӕ дӕр иу фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы». Ӕмӕ та загътон: «Куырыхондзинад дӕр аивгъуыйы».


Ӕмӕ уӕдӕ чи хъуамӕ хӕра ӕмӕ цин кӕна мӕ бӕсты?


Зондджын сагъӕс арӕх кӕны, ӕдылыйӕн йӕ худын нӕ фенцайы.


Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.


Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.


Уе ’ппӕтӕн дӕр, артӕндзарджытӕ, судзгӕ фаттӕй ифтонг чи у, уыдонӕн Дунедарӕг зӕгъы: «Бахизут уӕ арты цӕхӕрмӕ ӕмӕ, цы фӕттӕ ссыгътат, уыдоны пиллонмӕ! Гъе уый уын уӕ хъысмӕт — Мӕхи нывгонд. Уӕ адзал уыдзӕни ӕвирхъау».


Мӕ хъустӕ мын байгом кодта, ӕмӕ Йӕм байхъуыстон, мӕхи нӕ фӕтылиф кодтон.


Уӕд зӕгъдзынӕн мӕхицӕн: мӕнӕйуый, бирӕ азты фаг дӕм ис мулк. Цӕр ныр ӕнцад-ӕнцойӕ, хӕр, нуаз ӕмӕ рай дӕ цардӕй“.


Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.


Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры.


Мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕмбаргӕ, хивӕнд, дзӕгъӕл адӕм, чъизи мондӕгтӕ ӕмӕ алы ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, цъаммар, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт.


Ныр та байхъусут сымах, афтӕ зӕгъджытӕ: «Абон кӕнӕ райсом ацӕудзыстӕм ахӕм ӕмӕ ахӕм сахармӕ, фӕцӕрдзыстӕм дзы афӕдз, кӕндзыстӕм сӕудӕджер ӕмӕ райсдзыстӕм ӕфтиаг».


Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй.


Сымах хъалӕй цардыстут зӕххыл, уӕ уды дзӕбӕхӕн; уӕхи хорз схастат уе ’ргӕвдыны бонмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ