4 Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.
Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».
Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.
Мӕ фырт Соломоны иузӕрдион скӕн Дӕхицӕн, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Дын куыд ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕрмӕг цы галуанӕн бацӕттӕ кодтон, уый куыд сараза».
Дӕ фырты, цалынмӕ нӕма байрӕджы, уӕдмӕ ’фхӕргӕ кӕн, ма йӕ фесаф.
Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.
Лӕппуйӕн раст фӕндаг куы бацамонай, уӕд дзы зӕрондӕй дӕр иуварс нӕ фӕзилдзӕн.
Уисӕй над ӕмӕ уайдзӕф адӕймаджы зондджындӕр кӕнынц, рохуаты цы сабийы ныууадзай, уый йӕ ныййарӕг мады фӕхудинаг кӕндзӕн.
Дӕ лӕппуйӕн зонд бацамон ӕмӕ йыл мӕт нӕ кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн.
Ӕрмӕстдӕр ӕгас чи у, уый Дын скӕндзӕни кад мӕнӕ мӕнау абон. Фыд дзурдзӕн йӕ цотӕн, цӕмӕй Дыл фӕдзӕхсой сӕхи.
«Цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай зӕххыл».
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.
Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут, хӕдзары бадгӕйӕ ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, хуыссӕны ӕрхуысгӕйӕ ӕмӕ хуыссӕнӕй растгӕйӕ.
Ныййарджытӕ, уӕ цоты зӕрдӕтӕ ма риссын кӕнут, цӕмӕй зӕрдӕсаст ма фӕуой.
Мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы дӕ мадымад Лоидӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕйы зӕрдиаг уырнындзинад. Дӕумӕ дӕр ахӕм уырнындзинад кӕй ис, ууыл фидарӕй ӕууӕндын.
уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст — уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.
Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».
Маноах та йӕ бафарста: «Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд уыцы лӕппуйӕн куыд цӕргӕ уыдзӕн, цы хъуамӕ куса?»