Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 6:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 «Цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай зӕххыл».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 6:3
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.


Хӕдзӕрттӕ ма аразут, хор ма байтаут ӕмӕ сӕндӕттӕ ма скӕнут, макуы уӕм мацы уӕд уыдӕттӕй. Цӕрӕнбонты цӕрут цатырты ӕмӕ уӕд, ӕцӕгӕлӕттӕ цы зӕххыл стут, уым бирӕ фӕцӕрдзыстут“.


Уыцы ныхас хорз уа ӕви ӕвзӕр — байхъусдзыстӕм Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Кӕмӕ дӕ ӕрвитӕм, Уымӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, куы хъусӕм, уӕд фарнӕй схайджын уыдзыстӕм».


«Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» — ахӕм у фыццаг фӕдзӕхст зӕрдӕвӕрдимӕ:


Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.


Ма йӕ бахӕр ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон уыдзысты.


Лӕмбынӕг ӕрбайхъус ӕмӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕн, кӕй дын фӕдзӕхсын, ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр ӕнӕмаст уой, Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхцон ӕмӕ фӕндон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.


Мады уадз, йӕ лӕппынты та йын рахӕсс, цӕмӕй дын хорз уа ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай.


Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Дунедарӕджы цӕсты раст ӕмӕ хорзыл нымад цы у, уыдӕттӕ кӕнут, цӕмӕй ӕнӕмастӕй цӕрат, бацӕуат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕркадджын бӕстӕй бавӕрдта, уый,


Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл.


Иуахӕмы Наоми загъта Руфӕн: «Дӕ амонд куыд ссарай, афтӕ дын къонайы мӕт куы бакӕнин, уый мӕ зӕрды ис, мӕ хъӕбул.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ