2 «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» — ахӕм у фыццаг фӕдзӕхст зӕрдӕвӕрдимӕ:
Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
Рехавонтӕн та Йеремиа загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы:
Хӕдзӕрттӕ ма аразут, хор ма байтаут ӕмӕ сӕндӕттӕ ма скӕнут, макуы уӕм мацы уӕд уыдӕттӕй. Цӕрӕнбонты цӕрут цатырты ӕмӕ уӕд, ӕцӕгӕлӕттӕ цы зӕххыл стут, уым бирӕ фӕцӕрдзыстут“.
Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.
— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут.
Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн — фиддон, нымайын кӕй ӕмбӕлы, уый нымайут, кад кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн кӕнут кад.
«Цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай зӕххыл».
„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады чи бафхӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“
Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл.
Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл — уый Хуыцауӕн фӕндон у.