14 Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон.
Ныр моавӕгтӕ дӕр фехъуыстой, ӕртӕ паддзахы ӕд ӕфсӕдтӕ сӕ ныхмӕ рацӕуынц, уый, ӕмӕ сӕ хӕстхъом адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой бӕстӕйы арӕнмӕ.
Рӕстдзинад-иу мӕ уӕлӕ дарӕсау ӕркодтон, рӕстдзинад уыд мӕ уӕлӕфтау, мӕ худ.
Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.
Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау, Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау. Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста, уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.
Кӕддӕриддӕр ут цӕттӕ — уӕ рӕттӕ ӕрбалвасут ӕмӕ уӕ рухсгӕнӕнтӕ ссудзут.
Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.
ӕцӕгдзинады дзырд, Хуыцауы хъару. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр.
уымӕн ӕмӕ рухсӕн йӕ дыргътӕ сты: хӕлардзинад, рӕстад ӕмӕ ӕцӕгад.
Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй, фыдӕвзарӕн бон куы ралӕууа, уӕд уӕм ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару разына, ӕппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз уат ӕмӕ ма фӕцудат.
Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
Мӕнӕн равдыстӕуыд бӕхты сӕ барджытимӕ, ӕмӕ сӕ федтон ахӕм хуызы: барджытыл уыди зынгхуыз, сапфирау тарцъӕх ӕмӕ сондонау бур згъӕрӕфтыд; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты сӕрты хуызӕн, сӕ комӕй калди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон.
Сӕ гуырыл уыди згъӕрӕфтыды хуызӕн, сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ хӕстмӕ куы фезгъорынц, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц, уыйау.