33 Уыимӕ — сымахмӕ дӕр: алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та аргъуыц кӕнӕд йӕ лӕгӕн.
Вирсави зӕххы онг ӕркуывта паддзахӕн ӕмӕ загъта: «Мӕ сӕрыхицау, мӕ паддзах Давид, цӕр ӕнусмӕ!»
Паддзахы уынаффӕ куы айхъуыса йе стыр паддзахады алы кӕрӕттӕм, уӕд сылгоймӕгтӕй алчи йӕ сӕрыхицаумӕ, уӕздӕттӕй уа ӕви хуымӕтӕг адӕмӕй, хъусдзӕн».
Ӕрсабыр ут ӕмӕ зонут: Ӕз дӕн Хуыцау, скадджын уыдзынӕн ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, ӕгас зӕххы цъарыл.
Сылгоймӕгтӕ, цыма Бардарӕджы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.
Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ — йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн,
Уыцы ныхӕсты стыр сусӕгдзинад ӕвӕрд ис, ӕмӕ ӕз зӕгъын: уый хауы Чырысти ӕмӕ Аргъуанмӕ.
Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут.
Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!