Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 5:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Йӕ буар ӕнӕуынон никуы никӕмӕн уыд, фӕлӕ йӕ алчидӕр ӕфсады ӕмӕ йыл мӕт кӕны. Афтӕ Чырыстийы мӕт дӕр Йӕ Аргъуаныл у,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 5:29
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нӕлгоймаг загъта: «Мӕнӕ гъе, ай у мӕ туг, ме стӕгӕй; уый хуындзӕни сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕй ист у».


Хӕрзуаг адӕймаг йӕхицӕн пайда ’рхӕссы, ӕгъатыр та йӕхӕдӕг йӕхи фыдбылызы баппары.


Афтӕ фӕзӕгъынц: «Ӕдылы магуса у ӕмӕ сыдӕй мӕлдзӕнис».


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Ӕмӕ сын алы бӕлас дӕр дӕтдзӕни йӕ дыргъ, зӕхх та — йӕ тыллӕг, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты сӕ зӕххыл. Се ’фхӕрджыты къухӕй сӕ куы суӕгъд кӕнон ӕмӕ сын се ’фсондз куы ныссӕттон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви?


сты ӕнӕмбаргӕ, ӕнӕууӕнк, саузӕрдӕ, ӕгъатыр.


Лӕгтӕ сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый йӕхи уарзы.


уымӕн ӕмӕ мах Йӕ Буары уӕнгтӕ стӕм.


«Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕ уыдзысты иу буар».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ