24 Фӕлӕ Аргъуан Чырыстийӕн куыд коммӕгӕс у, афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ кӕддӕриддӕр кӕсой сӕ лӕгты коммӕ.
Ӕххӕст кӕнут, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдон. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут, сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй дӕр ма хауӕнт.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕн. Цӕмӕй сауджынтӕ суой, уый тыххӕй авд боны дӕргъы фӕлхат кӕн ацы ӕгъдау.
Ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ зӕрдӕрухсӕй ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: «Хицау, Дӕ номӕй куы фӕзӕгъӕм, уӕд дӕлимонтӕ дӕр нӕ коммӕ бакӕсынц».
Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы сӕрыхицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары — Аргъуаны — Ирвӕзынгӕнӕг дӕр.
Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти Аргъуан куыд бауарзта, афтӕ — йӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн,
Уыимӕ — сымахмӕ дӕр: алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та аргъуыц кӕнӕд йӕ лӕгӕн.
Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ ныййарджытӕн коммӕгӕс, уымӕн ӕмӕ уый Бардарӕгӕн фӕндон у.
Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс. Зӕрдӕ балхӕнынӕн сын цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут зӕрдиагӕй, Бардарӕгӕй тӕрсгӕйӕ.
Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад — мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау.
Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын архайой сӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой,