Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Эфесӕгтӕм 5:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Сылгоймӕгтӕ, цыма Бардарӕджы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Эфесӕгтӕм 5:22
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».


Паддзахы уынаффӕ куы айхъуыса йе стыр паддзахады алы кӕрӕттӕм, уӕд сылгоймӕгтӕй алчи йӕ сӕрыхицаумӕ, уӕздӕттӕй уа ӕви хуымӕтӕг адӕмӕй, хъусдзӕн».


Йӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм фыстӕджытӕ фервыста, алы ранмӕ дӕр бынӕттон ӕвзагыл, алы адӕммӕ дӕр — сӕхирдыгонау. «Алы нӕлгоймаг дӕр йӕ хӕдзары хицау уӕд», — азӕлыди алы ӕвзагыл дӕр.


Сылгоймӕгтӕ аргъуаны сӕ дзых ма гом кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ сын дзурын не ’мбӕлы, фӕлӕ сӕ бынат зонӕнт, — афтӕ зӕгъы Ӕгъдау дӕр.


Сылгоймӕгтӕ, цыма Бардарӕджы коммӕ кӕсут, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.


Цагъартӕ, зӕрдиагӕй, тӕрсгӕйӕ ӕмӕ аргъуыц кӕнгӕйӕ уӕ зӕххон хицӕутты коммӕ кӕсут, цыма Чырыстийӕн лӕггад кӕнут, афтӕ.


Уӕдӕ афтӕ: кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахизфарс кӕм бады, уырдӕм.


Устытӕ, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕ лӕгтӕн ут коммӕгӕс.


уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ